Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
От Матфея
Параллельные места
Ӕмӕ Йӕм ӕмгӕрон нӕ бацыд, афтӕмӕй Мариа ныййардта Фырт; ӕмӕ Йӕ Иосиф схуыдта Йесо. Банхъӕлцау уыдзынӕ, ныййардзынӕ Фырт ӕмӕ Йӕ схондзынӕ Йесо. Аст боны фӕстӕ, Сывӕллонӕн сунӕты афон куы ралӕууыд, уӕд Ӕй схуыдтой Йесо. Зӕд Ын уыцы ном рагацау радта, Йӕ Мады гуыбыны дӕр куы нӕма уыд, уӕд. Дыккаг бон Иоанн федта Йесойы ӕрбацӕйцӕугӕ ӕмӕ загъта: «Дунейы тӕригъӕд Чи фӕхӕссы, мӕнӕ Хуыцауы уыцы Уӕрыкк. Уымӕн ӕмӕ нӕ бон кӕй фӕрцы фервӕзын у, адӕмӕн ӕппӕт дунейы ӕндӕр ахӕм ном рард нӕу». Хуыцау зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ Давиды байзӕддагӕй Израилӕн радта Ирвӕзынгӕнӕг Йесойы. Уӕдӕ зонут, ӕфсымӕртӕ: Йесойы фӕрцы сымахӕн хъуыстгонд цӕуы уац тӕригъӕдтӕ ныббарыны, Фарны уац кӕй хъусын кӕнын, уый худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ уый алы уырнӕгӕн дӕр, фыццаджыдӕр иудейӕн, стӕй муртатӕн дӕр, у Хуыцауы ирвӕзындӕттӕг тых. Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм.
От Матфея
Выбор основного перевода