Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо уырдыгӕй куы рацӕйцыд, уӕд федта иннӕ дыууӕ ӕфсымӕры – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уыдон сӕ фыд Зеведеимӕ уыдысты бӕлӕгъы ӕмӕ ӕмпъызтой сӕ хызтӕ. Йесо сӕм басидт. Мӕнӕ уыцы дыууадӕс апостолы нӕмттӕ: уыдонӕй фыццаг – фӕсномыгӕй Петр кӕй хуыдтой, уыцы Симон, ӕмӕ йе 'фсымӕр Андрей, Зеведейы фырт Иаков ӕмӕ йе 'фсымӕр Иоанн, Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ уый ӕфсымӕр Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Йесо уырдыгӕй иуцасдӕр куы ауад, уӕд федта Зеведейы фырт Иаковы йе 'фсымӕр Иоаннимӕ сӕ хызтӕ бӕлӕгъы ӕмпъузгӕйӕ. Уыйадыл рацыдысты синагогӕйӕ. Ӕмӕ Йесо Иаков ӕмӕ Иоаннимӕ бацыди Симон ӕмӕ Андрейы хӕдзармӕ. Зеведейы фырт Иаковы ӕмӕ уый ӕфсымӕр Иоанны, ӕмӕ сӕ схуыдта Воанергес (ома, Ӕрвнӕрды фырттӕ); Петр, Иаков ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иоанны йеддӕмӕ Йесо никӕй бауагъта Йемӕ ацӕуын. Ӕхсӕз боны фӕстӕ Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны, скодта сӕ бӕрзонд хохмӕ, ӕмӕ уым уыдысты хибарӕй. Сӕ разы Йӕ хуыз аивта; Уый дӕс ахуыргӕнинаджы куы фехъуыстой, уӕд смӕсты сты Иаков ӕмӕ Иоаннмӕ. Йесо Елеоны хохыл Кувӕндоны бакомкоммӕ куы бадт, уӕд Ӕй хибарӕй фарстой Петр, Иаков, Иоанн ӕмӕ Андрей: Йемӕ ахуыдта Петры, Иаковы ӕмӕ Иоанны, бафтыди мӕлӕтон тасы ӕмӕ райдыдта ӕрхӕндӕг кӕнын. Тас бацыди Симоны ӕмбӕлтты дӕр – Зеведейы фырттӕ Иаков ӕмӕ Иоанны. Уӕд Йесо загъта Симонӕн: «Ма тӕрс. Нырӕй фӕстӕмӕ адӕмахсӕг уыдзынӕ». Петр, зӕгъгӕ, кӕй схуыдта, уыцы Симоны ӕмӕ уый ӕфсымӕр Андрейы, Иаковы, Иоанны, Филиппы, Варфоломейы, Ӕмӕ йын йӕ хӕдзармӕ куы ӕрцыд, уӕд Петр, Иоанн ӕмӕ Иаковы, стӕй сабийы фыд ӕмӕ мады йеддӕмӕ никӕй бауагъта Йемӕ мидӕмӕ бацӕуын. Уыцы ныхӕстыл аст боны бӕрц куы рацыд, уӕд Йесо Йемӕ рахуыдта Петры, Иоанны ӕмӕ Иаковы, ӕмӕ хохмӕ ссыди бакувынмӕ. Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Иаков ӕмӕ Иоанн уый куы федтой, уӕд загътой: «Хицау, фӕнды Дӕ, уӕд зӕгъӕм, ӕмӕ уӕларвӕй ӕрцӕуа арт ӕмӕ сӕ фесафа [Илиа куыд бакодта, афтӕ]?» Куы ӕрцыдысты, уӕд схызтысты уӕллаг уатмӕ ӕмӕ уӕдӕй фӕстӕмӕ уыдысты уым – Петр, Иоанн, Иаков ӕмӕ Андрей, Филипп ӕмӕ Фома, Варфоломей ӕмӕ Матфей, Алфейы фырт Иаков, Симон Зилот ӕмӕ Иаковы ӕфсымӕр Иудӕ.
Выбор основного перевода