Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо сын райдыдта амонын: Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн. Уымӕн ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн амыдта ӕмӕ сын дзырдта: «Адӕймаджы Фырт лӕвӕрд ӕрцӕудзӕн адӕмы къухтӕм, амардзысты Йӕ, ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Загъта ма сын: «Адӕймаджы Фырт хъуамӕ бавзара бирӕ хъизӕмӕрттӕ; адӕмы хистӕртӕ, алчертӕ ӕмӕ Йӕ динамонджытӕ бафхӕрдзысты, амардӕйӕуыдзӕн ӕмӕ ӕртыккаг бон райгас уыдзӕн». Уӕд фӕсномыгӕй Фаззон чи хуынд, уыцы Фома иннӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цом ӕмӕ мах дӕр Йемӕ амӕлӕм». Ӕрхӕстӕг иудейаг Куадзӕн, ӕмӕ бӕстӕйы алы рӕттӕй бирӕтӕ Куадзӕны размӕ ӕрцыдысты Иерусалиммӕ сӕхи ссыгъдӕг кӕнынмӕ.
Выбор основного перевода