Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕдӕ Чырыстиимӕ чи ис, уый ног адӕймаг у – йӕ зӕронд цардӕн ӕрцыд кӕрон, райдыдта йӕ ног цард. Кӕд нӕм мӕнгӕфсымӕртӕ куыддӕрты ӕрбаирвӕзтысты, уӕддӕр. Уыдон нӕм сӕхи ӕрбайстой, Чырыстиимӕ иу кӕй стӕм, уый руаджы нын цы сӕрибар ис, уымӕ сусӕгӕй цӕст дарынмӕ ӕмӕ махӕй цагъартӕ скӕнынмӕ. Иаковы ӕрвыст лӕгты ӕрцыды агъоммӕ Кифӕ муртаттимӕ бадтис иу фынгыл. Фӕлӕ уыдон куы ӕрцыдысты, уӕд, сунӕтгӕндтӕй кӕй тарсти, уымӕ гӕсгӕ байдыдта муртаттӕй йӕхи иуварс ласын. Ныр та, Хуыцауы куы базыдтат, растдӕр зӕгъгӕйӕ та, Хуыцау уӕ куы базыдта, уӕд ногӕй цӕмӕн здӕхут дунейы уыцы ӕдых ӕмӕ ницӕйаг ӕгъдӕуттӕм? Цӕмӕн уӕ фӕнды, ӕмӕ уыдонӕн ногӕй цагъартӕ уат? Чырысти нӕ уый тыххӕй ссӕрибар кодта, ӕмӕ сӕрибар уӕм. Уӕдӕ фидар лӕуут, ӕмӕ та ногӕй цагъарады ӕфсондзы бынмӕ ма бахаут. Уымӕн ӕмӕ сунӕт чи кӕны, уыдон суанг сӕхӕдӕг дӕр не 'ххӕст кӕнынц Ӕгъдау, фӕлӕ архайынц, сымах сунӕт куыд скӕнат, ӕмӕ уымӕй сӕхицӕй куыд раппӕлой, ууыл. Сунӕтгонд ӕрцыдтӕн мӕ царды ӕстӕм бон, дӕн израилаг адӕмӕй, Вениамины хӕдзарвӕндагӕй, дзуттӕгтӕй райгуырӕг дзуттаг, Ӕгъдау куыд ӕххӕст кодтон, уымӕ гӕсгӕ – фарисей, Уыдон Чырыстийыл, буары Сӕрыл, хӕст не сты. Буарӕн ӕппӕт дӕр дӕтты Чырысти – буар кӕрӕдзийыл ӕнгом хӕцы нуӕрттӕ ӕмӕ уӕнгбӕттӕнты фӕрцы, ӕмӕ рӕзы Хуыцауӕн фӕндиагӕй. Уымӕн ӕмӕ буар фӕлварын уадиссаг пайда нӕ дӕтты, Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрын та алцӕмӕй дӕр пайда у – зӕрдӕ ӕвӕры абоны цардӕй дӕр ӕмӕ фидӕны цардӕй дӕр. Фӕлӕ сын Хуыцау уайдзӕф кӕны: «Мӕнӕ ралӕудзӕн рӕстӕг, зӕгъы Хуыцау, ӕмӕ Израилы байзӕддагимӕ ӕмӕ Иудӕйы байзӕддагимӕ Ӕз сараздзынӕн ног фидыд. Алыхуызон ӕмӕ ӕцӕгӕлон ахуырӕдтӕ уӕ сӕ фӕдыл ма асайӕнт. Зӕрдӕтӕ фидар кӕнын хорз у, цы хӕрын фӕччы ӕмӕ нӕ фӕччы, уыцы уагӕвӕрдтӕй нӕ, фӕлӕ Хуыцауы хорзӕхӕй. Чи сӕ ӕххӕст кӕны, уыдонӕн дӕр ницы пайда ӕрхастой. Паддзахы бадӕны Бадӕг загъта: «Мӕнӕ ӕппӕт дӕр фӕлдисын ногӕй». Ӕмӕ мын загъта: «Ныффысс, уымӕн ӕмӕ ацы дзырдтӕ ӕцӕг сты ӕмӕ сыл ис ӕууӕндӕн».
Выбор основного перевода