Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уыдон уайтӕккӕ ныууагътой сӕ бӕлӕгъ ӕмӕ сӕ фыды, ӕмӕ ацыдысты Йӕ фӕдыл. Уӕд Ын Петр загъта: «Мӕнӕ мах ныууагътам алцыдӕр ӕмӕ рацыдыстӕм Дӕ фӕдыл. Цы нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы?» Ӕмӕ Мӕ номы сӕраппонд йӕ хӕдзӕрттӕ, кӕнӕ йе 'фсымӕрты, кӕнӕ йӕ хоты, кӕнӕ йӕ фыды, кӕнӕ йӕ мады, кӕнӕ йӕ усы, кӕнӕ йӕ сывӕллӕтты, кӕнӕ йӕ зӕххытӕ чи ныууадза, уый райсдзӕни фондзыссӕдз хатты фылдӕрӕй, ӕмӕ схайджын уыдзӕн мыггагмӕйы цардӕй. Йесо басидт адӕммӕ ӕмӕ Йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм, ӕмӕ сын загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ рацӕуӕд Мӕ фӕдыл. Уый фӕстӕ сеппӕтӕн дӕр загъта: «Мӕ фӕдыл цӕуын кӕй фӕнды, уый йӕхи ферох кӕнӕд, алы бон дӕр-иу райсӕд йӕ дзуар ӕмӕ цӕуӕд Мӕ фӕдыл. Иннӕмӕн Йесо загъта: «Рацу Мӕ фӕдыл». Уый Йын дзуапп радта: «Хицау, мӕ фыды баныгӕнынмӕ уал мӕ ауадз». Мӕнӕн чи кусы, уый Мӕ фӕдыл хъуамӕ цӕуа, ӕмӕ Ӕз кӕм дӕн, уым уыдзӕн Мӕ кусӕг дӕр. Мӕнӕн чи кусы, уыцы адӕймагӕн скад кӕндзӕн Мӕ Фыд. Кӕд Мӕ уарзут, уӕд ӕххӕст кӕндзыстут Мӕ фӕдзӕхстытӕ.
Выбор основного перевода