Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Уӕд алчер арӕмыгъта йӕ дарӕс ӕмӕ загъта: «Хуыцауы рафаудта! Цӕй ӕвдисӕнтӕ ма нӕ хъӕуы? Мӕнӕ уӕхӕдӕг куы фехъуыстат, Хуыцауы куыд фауы, уый! Йесоимӕ фынгыл чи бадти, уыдон хинымӕр райдыдтой дзурын: «Уый Чи у, суанг тӕригъӕдтӕ дӕр Чи хатыр кӕны?» Уӕд ӕй бафарстой: «Афтӕ дын Чи загъта: „Сис дӕ хуыссӕн ӕмӕ райдай цӕуын", уыцы Адӕймаг чи у?» Иудейтӕ Йын дзуапп радтой: «Хорз хъуыддӕгты тыххӕй Дӕ нӕ хъавӕм дуртӕй амарынмӕ, фӕлӕ Ды, адӕймаг, Дӕхицӕй Хуыцау кӕй аразыс ӕмӕ уымӕй Хуыцауы кӕй фауыс, уый тыххӕй».
Выбор основного перевода