Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Ӕхсӕз боны кусут ӕмӕ аразут уеппӕт хъуыддӕгтӕ. Уыди дзы, йӕ къух хуыскъ кӕмӕн уыд, ахӕм адӕймаг. Ӕмӕ цӕмӕй Йесойы фӕзылын кӕной, уый тыххӕй Йӕ бафарстой: «Сабаты дзӕбӕх кӕнын ӕмбӕлы ӕви нӕ?» Йесомӕ сӕ цӕст дардтой, кӕд ӕй сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй Йӕ фӕзылын кӕной. Ӕмӕ сӕ бафарста: «Сабаты хорз кӕнын ӕмбӕлы ӕви ӕвзӕр? Уд фервӕзын кӕнын ӕви йӕ фесафын?» Ӕмӕ ницы дзырдтой. Динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ сӕ цӕст дардтой Йесомӕ, кӕд сабаты сдзӕбӕх кӕнид, зӕгъгӕ, цӕмӕй Йӕ фӕзылын кӕной. Йесо бафарста динамонджыты ӕмӕ фарисейты: «Сабаты дзӕбӕх кӕнын фӕччы ӕви нӕ?» Ӕмӕ Йын дзуапп раттын сӕ бон нӕ уыд. Уӕд иудейтӕ зилын райдыдтой Йесойы фӕдыл, сабаты ахӕм хъуыддӕгтӕ кӕй кодта, уый тыххӕй. Кӕд Моисейы Ӕгъдау нӕ фехалыны сӕраппонд адӕймагӕн сабаты скӕнынц сунӕт, уӕд Ӕз сабаты рынчыны къахӕй-къухмӕ кӕй сдзӕбӕх кодтон, уый тыххӕй Мӕм смӕсты стут? Йесо сыджыт куы сызмӕста ӕмӕ йын дзы йӕ цӕстытӕ куы байсӕрста, уӕд сабат уыд. Уӕд фарисейтӕй иуӕй-иутӕ загътой: «Уыцы Адӕймаг Хуыцауӕй нӕу, уымӕн ӕмӕ халы сабаты ӕгъдау». Иннӕтӕ дзырдтой: «Тӕригъӕдджын адӕймаджы бон ахӕм диссӕгтӕ кӕнын куыд у?» Ӕмӕ сӕм иу хъуыды нал уыд.
Выбор основного перевода