Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Мӕныл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй адӕмӕн ӕргомӕй чи зӕгъа, уый Ӕз дӕр мӕхионыл банымайдзынӕн Мӕ Уӕларвон Фыды раз. Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры ӕхсӕн Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, сыгъдӕг зӕдтимӕ Йӕ Фыды намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд». Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, Йӕхи, Йӕ Фыды ӕмӕ сыгъдӕг зӕдты намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд. Кӕд тухӕнтӕн фӕразӕм, уӕд Йемӕ паддзахиуӕг дӕр кӕндзыстӕм. Нӕхи Йыл куы атигъ кӕнӕм, уӕд ныл Уый дӕр Йӕхи атигъ кӕндзӕн. Фыртыл чидӕриддӕр йӕхи тигъ кӕны, уымӕн хай нӕй Фыдӕй дӕр, фӕлӕ Фыртыл ӕргомӕй чи ӕууӕнды, уымӕн хай ис Фыдӕй дӕр.
Выбор основного перевода