Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Куы йӕ хӕрат, уӕд уӕ дарӕс уӕ уӕлӕ, уӕ дзабыртӕ уӕ къӕхтыл, уӕ лӕдзджытӕ уӕ къухты хъуамӕ уой. Архайут рӕвдздӕр ӕй бахӕрыныл – уый Куадзӕны нывонд у Дунедарӕгӕн. Уӕд Уӕларвон Паддзахад уыдзӕн, сӕ цырӕгътӕ семӕ чи рахаста ӕмӕ сиахсаджы размӕ чи рацыди, уыцы дӕс чызджы хуызӕн. Цырд лӕуут ӕмӕ фынӕй ма кӕнут, уымӕн ӕмӕ уыцы афон кӕд ӕрцӕудзӕн, уый нӕ зонут. Йӕ намысджын хӕзнадонӕй уын тых куыд ратта, Йӕ Уды руаджы уын уӕ уд куыд сфидар кӕна, Уӕдӕ фидар лӕуут, уӕ астӕутӕ ӕрбалвасут ӕцӕгадӕй, уӕ уӕлӕ скӕнут рӕстады згъӕрхӕдон. Уымӕ гӕсгӕ уӕ зонд уӕд архайынмӕ цӕттӕ ӕмӕ цырд лӕуут; уӕ зӕрдӕ фидарӕй дарут, Йесо Чырысти куы ӕрцӕуа, уӕд цы хорзӕх райсдзыстут, ууыл.
Выбор основного перевода