Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Курут ӕмӕ райсдзыстут, агурут ӕмӕ ссардзыстут, хойут ӕмӕ уын байгом уыдзӕн. Ноджы ма уын зӕгъын: сымахӕй дыууӕ адӕймаджы куы сфӕнд кӕной зӕххыл цавӕрфӕнды хъуыддаджы тыххӕй дӕр иумӕ бакувыныл, уӕд цы ракурой, уый сын лӕвӕрд уыдзӕни Мӕ Уӕларвон Фыдӕй. Ӕмӕ уӕм уырнындзинад куы уа, уӕд уӕ куывды цы ракурат, уый райсдзыстут». Уый тыххӕй уын зӕгъын: уӕ куывды цыдӕриддӕр ракурат, уый ныридӕгӕн кӕй райстат, ууыл ӕууӕндут, ӕмӕ йӕ райсдзыстут. Фӕлӕ уӕ кӕд искӕмӕн йӕ зонд фаг не 'ххӕссы, уӕд алкӕмӕн дӕр рӕдауӕй ӕмӕ ӕнӕ уайдзӕфӕй дӕттӕг Хуыцауӕй ракурӕд, – ӕмӕ йын ратдзӕн. Мах афтӕ ныфсджын стӕм Хуыцауы раз, ӕмӕ Йын фӕндон цы у, уый Дзы куы фӕкурӕм, уӕд нӕ фехъусы.
Выбор основного перевода