Сар уӕ сӕр, динамонджытӕ ӕмӕ фарисейтӕ, цӕстмӕхъустӕ! Сымах къус ӕмӕ тӕбӕгъ ӕддейӕ сыгъдӕг кӕнут; дзаг цӕмӕй сты, уый та уӕ къухы бафтыд, кӕрӕф ӕмӕ ӕнӕфсис кӕй стут, уый руаджы.
Фарисей ӕрлӕууыд ӕмӕ куывта хинымӕр: „Хуыцау, бузныг дӕн Дӕуӕй, ӕз иннӕ адӕмау стигъӕг, ӕнӕраст, хӕтаг, кӕнӕ ацы хъалонисӕджы хуызӕн кӕй нӕ дӕн, уый тыххӕй.