Йесо йын дзуапп радта: «Цӕмӕн Мӕ фӕрсыс хорз саразынӕй? Иунӕг Хуыцауы йеддӕмӕ хорз ничи у. Фӕлӕ дӕ кӕд мыггагмӕйы цардмӕ бацӕуын фӕнды, уӕд сӕххӕст кӕн фӕдзӕхстытӕ».
Ӕгъдаумӕ гӕсгӕ адӕймаг куыд раст кӕны, уый тыххӕй Моисей афтӕ фыссы: «Йӕ домӕнтӕ йын чи сӕххӕст кӕна, уыцы адӕймаг цӕрдзӕн уыдоны фӕрцы».
Ӕгъдау та уырнындзинадимӕ баст нӕу, фӕлӕ «йӕ чи сӕххӕст кӕна, уый цӕрдзӕн йӕ фӕрцы».