Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Ӕмӕ ныууадзой аргъӕуттӕ ӕмӕ рагфыдӕлты хӕдзарвӕндӕгты тыххӕй ранымай-банымайтӕ. Ӕппӕт уыдӕттӕн фӕуӕн нӕй, расайынц ӕнӕпайда быцӕутӕ, ӕмӕ ахъаз не сты Хуыцауы хъуыддагӕн – уырнындзинады руаджы адӕмы ирвӕзын кӕнынӕн. Ӕлгъаг ӕмӕ ӕнӕзонд аргъӕутты ӕмгӕрон та ма цу, фӕлӕ фӕлвар Хуыцауӕн фӕндиагӕй цӕрыныл. Ӕппӕт уыдӕттӕ зӕрдыл лӕууын кӕн ӕмӕ Хуыцауы раз фидарӕй фӕдзӕхс, цӕмӕй ӕнӕпайда быцӕуныхас ма кӕной – уыцы быцӕутӕ ӕрмӕст зиан ӕрхӕссынц, чи сӕм хъусы, уыдонӕн. Ӕлгъаг дзӕгъӕлы ныхӕстӕм ӕмгӕрон ма цу. Ӕмхиц сӕм чи у, уыдон дардӕй-дарддӕр кӕнынц Хуыцауӕй.
Выбор основного перевода