Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Хорз дыргъ цы бӕласыл нӕ зайы, уый акалынц ӕмӕ йӕ баппарынц арты. Чи давта, уый мауал давӕд, фӕлтау кусӕд, кӕнӕд пайдайаг хъуыддӕгтӕ йӕхи къухтӕй, ӕмӕ йӕм уа, хъуаг чи ӕййафы, уымӕ фӕкӕсыны фаг дӕр. Ӕнӕуаг ныхас ӕппындӕр ма схауӕд уӕ дзыхӕй, фӕлӕ адӕймагӕн йӕ хъуаджы чи феххуыс уыдзӕн ӕмӕ йӕ чи сфидар кӕндзӕн, ӕрмӕстдӕр ахӕм хорз ныхӕстӕ, чи сӕ фехъуса, уыдонӕн хорзӕхӕн куыд уой, афтӕ. Чырысти нӕ сӕраппонд Йӕхи ӕрхаста нывондӕн, цӕмӕй нӕ фервӕзын кӕна алы тӕригъӕдӕй дӕр ӕмӕ Йӕхицӕн ссыгъдӕг кӕна, хорз хъуыддӕгтӕм чи тырндзӕн, ахӕм адӕм. Ацы ныхас ӕцӕг у. Мӕн уый фӕнды, ӕмӕ адӕмы ӕнувыдӕй ахуыр кӕнай ӕппӕт уыдӕттыл, цӕмӕй Хуыцауыл чи баууӕндыд, уыдон сӕхи зӕрдиагӕй хъарой хорз хъуыддӕгтӕ аразыныл. Уый хорз у ӕмӕ адӕмӕн уыдзӕни пайда.
Выбор основного перевода