Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Аргъуаны хистӕр хъуамӕ уа ӕнӕфау, иу усы мой, уӕззау зонды хицау, хӕдӕфсарм, хӕрзуаг, уазӕгуарзон, хорз зондамонӕг, Ма уа расыггӕнаг, хылмондаг, загъдгӕнаг, ӕхцауарзаг, фӕлӕ уа ӕвӕлмас, Аккаг уынаффӕгӕнӕг йӕ хӕдзарӕн, аргъ ын кӕной йӕ цот ӕмӕ уой коммӕгӕс. Уымӕн ӕмӕ хи хӕдзарӕн уынаффӕ кӕнынмӕ чи нӕ арӕхсы, уый Хуыцауы аргъуаныл куыд мӕт кӕндзӕн? Аргъуаны хистӕр, ӕрӕджы чи баууӕндыд, уыдонӕй ма уӕд, цӕмӕй йӕхиуыл ма фервӕсса ӕмӕ, хӕйрӕгӕн цы тӕрхон рахастӕуыд, ахӕм тӕрхон ын ма рахастӕуа. Хъуамӕ йӕ нымайой ӕнӕуырнджытӕ дӕр, цӕмӕй дзы ӕвзӕрӕй мацы райхъуыса ӕмӕ хӕйрӕджы хызы ма бахауа. Хицауы цагъарӕн та хъаугъа кӕнын не 'мбӕлы, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр хъуамӕ уа зӕрдӕхӕлар, уа хорз зондамонӕг, фыдӕх йӕ зӕрдӕмӕ ма хӕсса, Ныхмӕлӕуджыты ахуыр кӕна ӕвӕлмасӕй. Гӕнӕн ис, ӕмӕ сын Хуыцау баххуыс кӕна, ӕрцӕуа сӕм фӕсмон ӕмӕ базоной ӕцӕгад, Ӕрӕмбарой сӕхи ӕмӕ раирвӕзой, йӕхицӕн сӕ цагъартӕ скӕнынӕн цы хӕйрӕг ӕрцахста, уый къӕппӕгӕй.
1 2 3
Выбор основного перевода