Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Уӕдӕ мӕнгпехуымпарты сӕ хъуыддӕгтӕй базондзыстут. Мӕнӕн „Хицау! Хицау!" чи дзуры, уыдонӕй алчи нӕ бацӕудзӕн Уӕларвон Паддзахадмӕ, фӕлӕ йӕм Мӕ Уӕларвон Фыды фӕндон ӕххӕстгӕнӕг бацӕудзӕн. Уӕд сын цӕхгӕр зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ никуы зыдтон. Ацӕут Мӕ цурӕй, тӕригъӕдджынтӕ". Сӕхи ӕвдисдзысты афтӕ, цыма Хуыцауы нымайынц, Йӕ хъаруйыл та Йын сӕхи атигъ кӕндзысты. Ахӕмтӕм ӕмгӕрон ма цу. Иудадзыг ахуыр чи кӕны, фӕлӕ ӕцӕгад базонын кӕй бон нӕу, ахӕмтӕ. Ианний ӕмӕ Иамврий Моисейы ныхмӕ куыд лӕууыдысты, афтӕ уыцы адӕймӕгтӕ дӕр сты ӕцӕгады ныхмӕ, сӕ зонд ныззыгъуыммӕ, ӕцӕг уырнындзинадимӕ сын иумӕйагӕй ницы ис. Афтӕ чи зӕгъы: «Ӕз Ӕй базыдтон», фӕлӕ Йын Йӕ фӕдзӕхстытӕ та не 'ххӕст кӕны, уый у фӕлитой ӕмӕ ӕцӕгад йӕ зӕрдӕйы нӕ цӕры.
1 2 3
Выбор основного перевода