Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3
Параллельные места
Хуыцаумӕ рагагъоммӕ уыди, Чырыстийы руаджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм нысан. Ӕмӕ ныр махӕн раргом кодта Йӕ уыцы сусӕг фӕнд – Афон куы ралӕууа, уӕд уӕларвон ӕмӕ зӕххон цы у, ӕппӕт уыдон, Чырысти сӕ сӕргъы, афтӕмӕй баиу кӕнын. Хуыцау мах бафӕлвӕрдта ӕмӕ нын бабар кодта фарны уац, ӕмӕ нӕ ныхас дӕр ахӕм у – архайӕм адӕмы зӕрдӕ балхӕныныл нӕ, фӕлӕ нӕ зӕрдӕтӕ зонӕг Хуыцауы зӕрдӕ балхӕныныл. Павелӕй, Йесо Чырыстийы апостолӕй – уыцы куысты мӕ сӕвӕрдтой нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцау ӕмӕ нӕ зӕрдӕдарӕн Йесо Чырысти. Уыцы ахуырад цӕуы тӕхудиаг Хуыцауы намысыл дзурӕг фарны уацӕй – мӕнӕн кӕй бафӕдзӕхстӕуыд, уымӕй. Ӕргом та абон раци – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ фарны уацы руаджы ӕрхаста ӕнӕмӕлгӕ цард. Сӕ мулкӕй сын ма давой, кӕддӕриддӕр сыл уой иузӕрдион. Уадз ӕмӕ сеппӕт цардӕй кадджын кӕной нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Хуыцауы ахуырад.
1 2 3
Выбор основного перевода