Адӕймаджы хуымӕтӕг ӕвзагӕй пайда кӕнын, уымӕн ӕмӕ сымах лӕмӕгъ стут нырма. Уӕ буары уӕнгтӕ тӕригъӕдӕн кӕддӕр цагъартӕ куыд скодтат, цӕмӕй ӕнӕуаг ӕмӕ чъизи митӕ кӕнат, афтӕ ныр та уӕ буары уӕнгтӕ рӕстадӕн скӕнут цагъартӕ, цӕмӕй цӕрат сыгъдӕг цардӕй.
Ӕфсымӕртӕ, цӕвиттон ӕрхӕсдзынӕн адӕймаджы цардӕй: адӕймаджы ныстуан фидаргонд куы ӕрцӕуы, уӕд ӕй ничи аивы ӕмӕ йӕм ничи бафтауы.