Нырӕй фӕстӕмӕ дӕ ном Аврам нал уыдзӕни, фӕлӕ Авраам; уымӕн ӕмӕ дӕ Ӕз скӕндзынӕн бирӕ адӕмты фыдӕл.
Петр райдыдта дзурын: «Ӕцӕг базыдтон, Хуыцау кӕй никӕй хъулон кӕны, уый.
Фӕлӕ Дзы чи тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, уый цыфӕнды адӕмыхаттӕй куы уа, уӕддӕр Ын адджын у.
Уыцы адӕм мах стӕм – ӕрхуыдта нӕ канд иудейтӕй нӕ, фӕлӕ муртаттӕй дӕр,
Ам иудейы ӕмӕ муртаты ӕхсӕн хъауджы нӕй – сеппӕтӕн дӕр иу Хицау ис, ӕмӕ рӕдауӕй дӕтты, Йӕ ном Ын чидӕриддӕр ссара, уыдонӕн.