Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕдӕ куыд? Мах иннӕтӕй хуыздӕр уавӕры стӕм? Ӕппындӕр нӕ. Мах ныридӕгӕн равдыстам, иудейтӕ дӕр ӕмӕ муртаттӕ дӕр тӕригъӕды дӕлбар кӕй сты, уый. Фӕлӕ мах зонӕм: Ӕгъдау цыдӕриддӕр зӕгъы, уый йӕ дӕлбар адӕмӕн зӕгъы. Ӕмӕ хи сраст кӕныны тыххӕй йӕ дзых байгом кӕнын никӕй бон бауыдзӕн – ӕгас дуне Хуыцауы раз дзуапп дӕтдзӕн. Фӕлӕ Сыгъдӕг Фыст расидт, ӕппӕт дуне дӕр тӕригъӕдмӕ ахст кӕй у, уый тыххӕй, цӕмӕй, Хуыцау зӕрдӕ цы раттынӕй бавӕрдта, уый Йесо Чырыстийыл ӕууӕндыны фӕрцы лӕвӕрд ӕрцӕуа уырнджытӕн.
Выбор основного перевода