Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесо дзуапп радта: «Ӕз ӕрмӕстдӕр Израилы адӕммӕ, сӕфт фыстӕм, ӕрвыст дӕн». Сымах стут пехуымпарты байзӕддаг ӕмӕ фидыды бындартӕ. Уыцы фидыд Хуыцау сарӕзта уӕ фыдӕлтимӕ, Авраамӕн мӕнӕ афтӕ куы загъта, уӕд: „Дӕ байзӕддаджы фӕрцы зӕххыл арфӕгонд уыдзысты ӕппӕт адӕмтӕ дӕр". Хуыцау Йӕ Лӕггадгӕнӕджы куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста Йӕ хорзӕх уын раттынмӕ ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр йе 'взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕнынмӕ». Уӕдӕ куыд? Кӕд иуӕй-иутӕ Хуыцауыл иузӕрдион нӕ разындысты, уӕд уый тыххӕй Хуыцау иузӕрдион нал уыдзӕн? Уымӕн ӕмӕ Хуыцау иу у, ӕмӕ растыл банымайдзӕн ӕппӕт уырнджыты – сунӕтгӕндты дӕр, стӕй сунӕтгонд чи нӕу, уыцы уырнджыты дӕр. Уымӕн ӕмӕ Хуыцау зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры, уыдон иууылдӕр Чырыстийы фӕрцы сты «о» – сӕххӕст вӕййынц. Уымӕ гӕсгӕ, Хуыцауӕн кад куы фӕкӕнӕм, уӕд Чырыстийы руаджы фӕзӕгъӕм «амен».
Выбор основного перевода