Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕд сеппӕт дӕр ныхъхъус сты, ӕмӕ хъуыстой Варнавӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыдон дзырдтой, Хуыцау сӕ фӕрцы муртаттӕм цы ӕвдисӕйнӕгтӕ ӕмӕ диссӕгтӕ сарӕзта, уый тыххӕй. Павел сын салам радта ӕмӕ бӕлвырд радзырдта, йӕ куысты руаджы Хуыцау муртатты ӕхсӕн цы сарӕзта, уый тыххӕй. Йесойы фӕрцы ӕз схайджын дӕн хорзӕхӕй – сдӕн апостол, Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты Хуыцауыл ӕууӕндынмӕ ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсынмӕ хонӕг. Ныр та раргом. Мыггагмӕ-йы Хуыцауы фӕндонӕй уыцы сусӕгдзинад пехуымпарты фыстыты фӕрцы зындгонд сси ӕппӕт адӕмтӕн, цӕмӕй баууӕндой ӕмӕ Хуыцауӕн суой коммӕгӕс. Уый тыххӕй нӕ, ӕмӕ нӕхӕдӕг истӕмӕн бӕззӕм. Мах афтӕ нӕ нымайӕм, ӕмӕ нӕм нӕхи цавӕрдӕр курдиат ис. Нӕ! Цы нӕм ис, уый Хуыцауӕй лӕвӕрд у.
Выбор основного перевода