Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Чырысти амард ӕппӕт адӕмы сӕрвӕлтау, цӕмӕй удӕгӕстӕ сӕхицӕн ма цӕрой, фӕлӕ цӕрой, уыдоны сӕрвӕлтау Чи амард ӕмӕ райгас, Уымӕн. Ӕмӕ ныр ӕз нал цӕрын, фӕлӕ мӕ зӕрдӕйы цӕры Чырысти. Ӕмӕ нырма кӕд мӕ буары цӕрын, уӕд цӕрын ӕрмӕстдӕр, Чи мӕ бауарзта ӕмӕ мӕн тыххӕй Йӕхи нывондӕн Чи ӕрхаста, Хуыцауы уыцы Фыртыл ӕууӕндынӕй. Ӕнхъӕлмӕ кӕсын ӕмӕ мӕ зӕрдӕ дарын, ӕз кӕй ницӕмӕй фегад уыдзынӕн, фӕлӕ раздӕрау ныр дӕр кӕй разындзынӕн ныфсджын, ӕмӕ мӕ фӕрцы снамысджын уыдзӕн Чырысти – кӕнӕ мӕ цардӕй, кӕнӕ мӕ мӕлӕтӕй. Уымӕн ӕмӕ мӕ цард Чырысти у, мӕлӕт – ме 'фтиаг. Йесо амарди мах тыххӕй, цӕмӕй мах, удӕгас уӕм ӕви мард, цӕрӕм Йемӕ. Буары цӕрынӕн ма йын цы рӕстӕг баззади, уый ӕрвиты адӕймаджы тӕригъӕдджын мондӕгтӕ ӕфсадгӕйӕ нӕ, фӕлӕ Хуыцауӕн фӕндиагӕй.
Выбор основного перевода