Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Йесойы фӕрцы ӕз схайджын дӕн хорзӕхӕй – сдӕн апостол, Йӕ номы сӕраппонд ӕппӕт адӕмты Хуыцауыл ӕууӕндынмӕ ӕмӕ Йӕ коммӕ кӕсынмӕ хонӕг. Хуыцаумӕ рагагъоммӕ уыди, Чырыстийы руаджы кӕй хъуамӕ сӕххӕст кодтаид, ахӕм нысан. Ӕмӕ ныр махӕн раргом кодта Йӕ уыцы сусӕг фӕнд – Уыцы сусӕгдзинад адӕмы раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом нӕ уыд, ныр та Сыгъдӕг Уды руаджы раргом Чырыстийы сыгъдӕг апостолтӕн ӕмӕ пехуымпартӕн: Хуыцауы сусӕг фӕнд алкӕмӕн дӕр раргом кӕнын. [Йесо Чырыстийы фӕрцы] ӕппӕт дӕр цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый рӕстӕджы райдианӕй басусӕг кодта Йӕ уыцы фӕнд, Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад.
Выбор основного перевода