Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Кӕд цы хойраг хӕрыс, уымӕй де 'фсымӕры хъыджы цӕуыс, уӕд уарзондзинадмӕ гӕсгӕ нӕ цӕрыс. Уӕдӕ Чырысти кӕй тыххӕй амард, уый дӕ хойрагӕй ма саф. Кӕсут уӕхимӕ, цӕмӕй уӕ уыцы бартӕ лӕмӕгъ уырнджыты ма фӕрӕдийын кӕной. Дӕумӕ ис зонынад, ӕмӕ дӕ исчи муртатты кувӕндоны фынгыл бадгӕ куы фена, уӕд йӕхӕдӕг лӕмӕгъ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ йын йе 'фсарм мӕнгхуыцӕуттӕн хаст нывондтӕй хӕрыны бар нӕ ратдзӕн, ӕви? Ӕмӕ дӕ зонынадӕй бабын уыдзӕни лӕмӕгъ – Чырысти кӕй сӕраппонд амард, дӕ уыцы ӕфсымӕр. Афтӕмӕй сымах цӕут уӕ лӕмӕгъ ӕфсымӕрты тӕригъӕды, ардаут сӕ, се 'фсарм сын тӕрхон цӕй тыххӕй кӕны, уыдӕттӕ аразыныл. Ӕмӕ уымӕй цӕут Чырыстийы хъыджы.
Выбор основного перевода