Уымӕн ӕмӕ Ӕгъдауы ӕппӕт мидис иу ныхасы ис: «Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ».
Уыдӕттӕм бафтаут уарзондзинад – уый у ӕппӕт дӕр кӕрӕдзийыл бӕттӕг ӕмӕ алцӕмӕй дӕр ӕххӕстгӕнӕг.
Уыцы фӕдзӕхстӕн йӕ нысан у, сыгъдӕг зӕрдӕ, сыгъдӕг цӕсгом ӕмӕ зӕрдиаг уырнынад кӕй бындур сты, ахӕм уарзондзинад.
Сыгъдӕг Фысты куыд загъд ис: «Уарз хионы, дӕхи куыд уарзыс, афтӕ», зӕгъгӕ, кӕд сымах Паддзахы уыцы ӕгъдаумӕ гӕсгӕ цӕрут, уӕд раст кӕнут.