Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Уӕдӕ Хуыцау нал кӕсы, куы нӕ Йӕ зыдтой, уыцы рӕстӕджытӕм; фӕлӕ ныртӕккӕ ӕппӕт адӕмӕй алы ран дӕр домы тӕригъӕдтыл фӕсмон. Уымӕн ӕмӕ афтӕ Чи загъта: «Талынгӕй сӕрттивӕд рухс», уыцы Хуыцау нӕ зӕрдӕты ссыгъта рухс, ӕмӕ мах базыдтам Хуыцауы намыс – уый ӕнхъӕвзы Йесо Чырыстийӕ. Ӕмӕ уын талынджы хъӕбулты ӕнӕпайда хъуыддӕгтимӕ иумӕйагӕй мацы уӕд, фӕлӕ сын сӕ хурмӕ хӕссут. Ӕргом та абон раци – нӕ Ирвӕзынгӕнӕг Йесо Чырысти куы ӕрцыд, уӕд; Уый фӕтых мӕлӕтыл ӕмӕ фарны уацы руаджы ӕрхаста ӕнӕмӕлгӕ цард. Ӕниу уӕм цы фыссын, уый ног фӕдзӕхст дӕр у – йӕ ӕцӕгад ӕвдыст ӕрцыд Чырыстийы цардӕй дӕр ӕмӕ уӕ цардӕй дӕр, уымӕн ӕмӕ талынг фӕивгъуыйы ӕмӕ ӕцӕг рухс ныридӕгӕн рухс кӕны.
Выбор основного перевода