Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Фӕсномыг ныхӕстӕй сын уый тыххӕй дзурын, ӕмӕ уыдон „кӕсынц, фӕлӕ нӕ уынынц, хъусынц, фӕлӕ сӕм нӕ хъуысы, ӕмӕ не 'мбарынц". Уыдоныл ӕрцыд Исайы пехуымпар ныхас: „Хъусӕй хъусдзыстут, фӕлӕ нӕ бамбардзыстут, цӕстӕй кӕсдзыстут, фӕлӕ нӕ фендзыстут. Цӕмӕй „цӕстӕй кӕсой, фӕлӕ ма уыной, хъусӕй хъусой, фӕлӕ ма ӕмбарой, ӕмӕ ма раздӕхой Хуыцаумӕ ӕмӕ сын барст ма уой сӕ тӕригъӕдтӕ"». Йесо сын загъта: «Сымахӕн Хуыцауы Паддзахады сусӕгдзинӕдтӕ зонын лӕвӕрд у, иннӕтӕн та сӕ фӕсномыг ныхӕстӕй амындӕуы, цӕмӕй „кӕсой, фӕлӕ ма уыной, хъусой, фӕлӕ ма ӕмбарой". «Хуыцау сын бакуырм кодта сӕ цӕстытӕ, сӕхгӕдта сын сӕ зӕрдӕтӕ, цӕмӕй цӕстӕй ма феной, зӕрдӕйӕ ма бамбарой, ма раздӕхой Мӕнмӕ ӕмӕ сӕ Ӕз ма сдзӕбӕх кӕнон, зӕгъы Хуыцау».
Выбор основного перевода