Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Цагъды фӕуыдзысты карды комӕй, уацары сӕ акӕндзысты алы адӕмтӕм. Иерусалим ссӕнддзысты муртаттӕ, цалынмӕ сӕ рӕстӕг фӕуа, уӕдмӕ. Ацы уӕтӕрӕй чи нӕу, ис Мын ахӕм фыстӕ дӕр, ӕмӕ уыдоны дӕр хъуамӕ ӕрхонон. Уыдон дӕр фехъусдзысты Мӕ хъӕлӕс, ӕмӕ уыдзӕн иу дзуг ӕмӕ иу Фыййау. Уӕдӕ афтӕ: кӕмӕн Ӕй фӕнды, уымӕн ратты хорзӕх, кӕй Йӕ фӕнды, уый та схивӕнд кӕны. Цӕрут ӕмзӕрдӕйӕ. Хъал ма ут; дунейы цӕсты чи нӕ ахады, уыдонӕй уӕлдӕр уӕхи ма ӕвӕрут. Уӕхи цӕсты зондджынтӕ ма ут. Фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл – махӕн намыс раттыны сӕраппонд дуне сфӕлдисыны агъоммӕ кӕй рахаста, Йӕ уыцы уынаффӕйыл. Уыцы уӕлзонд а дунейы ӕлдариуӕггӕнджытӕй иу дӕр нӕ базыдта. Куы йӕ базыдтаиккой, уӕд намысджын Хицауы дзуарыл нӕ байтыгътаиккой. Сыгъдӕг Фыст дӕр афтӕ зӕгъы: «Цӕст нӕ федта, хъус нӕ фехъуыста ӕмӕ йӕ фӕсонӕрхӕджы дӕр никӕмӕн уыд, чи Йӕ уарзы, уыдонӕн Хуыцау цы ӕрцӕттӕ кодта, уый». Махӕн та йӕ Хуыцау раргом кодта Йӕ Уды руаджы; Уд та ӕххӕссы алцӕмӕ дӕр, суанг Хуыцаумӕ ӕмбӕхст цы ис, уымӕ дӕр. Хуыцау Йӕ сусӕгдзинад раргом кодта мӕнӕн, ӕз уӕм уӕлдӕр цыбырӕй куыд ныффыстон, афтӕ. Ӕмӕ йӕ куы бакӕсат, уӕд уӕ бон бауыдзӕн, ӕз Чырыстийы сусӕгдзинад куыд ӕмбарын, уый базонын. Уыцы сусӕгдзинад адӕмы раздӕры фӕлтӕртӕн ӕргом нӕ уыд, ныр та Сыгъдӕг Уды руаджы раргом Чырыстийы сыгъдӕг апостолтӕн ӕмӕ пехуымпартӕн: Хуыцауы сусӕг фӕнд алкӕмӕн дӕр раргом кӕнын. [Йесо Чырыстийы фӕрцы] ӕппӕт дӕр цы Хуыцау сфӕлдыста, Уый рӕстӕджы райдианӕй басусӕг кодта Йӕ уыцы фӕнд,
Выбор основного перевода