Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Римлянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Парахат кодта Хуыцауы ныхас, Иерусалимы дзӕвгар ӕфтыд ахуыргӕнинӕгты нымӕцыл; сауджынтӕй дӕр бирӕтӕ баууӕндыдысты Чырыстийыл. Фӕлӕ йын Хицау загъта: «Ацу, Ӕз ӕй Мӕхицӕн кусӕгӕн сӕвзӕрстон, цӕмӕй Мӕ ном фехъусын кӕна муртаттӕн, паддзӕхтӕн ӕмӕ Израилы адӕмӕн. Сыст ӕмӕ слӕуу дӕ къӕхтыл. Ӕз дӕм уымӕн фӕзындтӕн, цӕмӕй дӕ скӕнон Мӕ кусӕг, ӕмӕ ӕвдисӕн уай, цы федтай ӕмӕ ма дын ноджыдӕр цы раргом кӕндзынӕн, ӕппӕт уыдӕттӕн. Ӕз дӕ бахиздзынӕн дӕхи адӕмӕй, стӕй муртаттӕй – Ӕз дӕ ӕрвитын уыдонмӕ, Цӕмӕй байгом уой сӕ цӕстытӕ ӕмӕ рацӕуой талынгӕй рухсмӕ, хӕйрӕджы къухтӕй Хуыцаумӕ, Мӕныл ӕууӕндыны фӕрцы сын барст ӕрцӕуой сӕ тӕригъӕдтӕ ӕмӕ сыгъдӕджытимӕ райсой сӕ хай". Цӕмӕй муртаттӕ Хуыцауӕн коммӕгӕс суой, уый тыххӕй Чырысти мӕ фӕрцы цы сарӕзта, уымӕй уӕлдай ницӕй тыххӕй зӕгъынмӕ хӕссын мӕ ныфс. Чырысти уыдӕттӕ бакодта ныхас ӕмӕ хъуыддагӕй, Уый нӕ, фӕлӕ федтой, мӕнӕн баргонд кӕй у ӕнӕсунӕтгӕндтӕн фарны уац хъусын кӕнын, сунӕтгӕндтӕн хъусын кӕнын Петрӕн куыд баргонд у, афтӕ. Хӕрам митӕм ӕмхиц адӕймаджы бакӕндзӕн удхары ӕмӕ хъизӕмары хай: раздӕр иудейы, стӕй та – муртаты.
К Римлянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода