«Цы хъуыды кӕнут Чырыстийы тыххӕй? Кӕй байзӕддаг у?» Уыдон Ын загътой: «Давиды».
Дзырд сси Адӕймаг ӕмӕ ӕрцарди не 'хсӕн, уыди хорзӕхы ӕмӕ ӕцӕгады суадон. Ӕмӕ мах федтам Йӕ намыс – Фыды иунӕг Фырты намыс.
Уыдонӕн ис, Хуыцау кӕй сӕвзӕрста, уыцы рагфыдӕлтӕ; Чырысти туг ӕмӕ стӕгӕй уыдонӕй у – Уый у, ӕппӕтыл дӕр Кӕй бар цӕуы, уыцы Хуыцау. Арфӕгонд уӕд мыггагмӕ! Амен.
Дӕ зӕрдыл дар Йесо Чырыстийы. Уый у Давиды байзӕддаг, мӕрдтӕй рабадӕг – ууыл дзурӕг у, ӕз цы фарны уац хъусын кӕнын, уый.