Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Римлянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Параллельные места
Ацы ӕнӕхуыцау тӕригъӕдджын фӕлтӕры ӕхсӕн Мӕнӕй ӕмӕ Мӕ ныхӕстӕй чи фефсӕрмы уа, уымӕй фефсӕрмы уыдзӕн Адӕймаджы Фырт дӕр, сыгъдӕг зӕдтимӕ Йӕ Фыды намысимӕ куы ӕрцӕуа, уӕд». Хуыцау Йӕ Лӕггадгӕнӕджы куы райгас кодта, уӕд Ӕй фыццаг сымахмӕ арвыста Йӕ хорзӕх уын раттынмӕ ӕмӕ уӕ алкӕмӕн дӕр йе 'взӕр хъуыддӕгтӕ ныууадзын кӕнынмӕ». Уӕд Павел ӕмӕ Варнавӕ ныфсджынӕй загътой: «Хуыцауы ныхас фыццаг сымахӕн хъуамӕ загъдӕуыдаид. Фӕлӕ йыл кӕй не 'рвӕссут ӕмӕ мыггагмӕйы царды аккагыл уӕхи кӕй нӕ нымайут, уымӕ гӕсгӕ цӕуӕм муртаттӕм. Сӕфты фӕндагыл цӕуджытӕ дзуары тыххӕй ныхас ӕнӕзондыл нымайынц, махӕн та, фервӕзыны фӕндагыл цӕуджытӕн, Хуыцауы тых у. Иудейтӕй ӕмӕ бердзентӕй Хуыцау кӕй ӕрхуыдта, уыдонӕн та Чырысти Хуыцауы тых ӕмӕ Хуыцауы зонд у. Уӕдӕ нӕ Хицауы [Йесо Чырыстийы] тыххӕй ӕргомӕй кӕй дзурыс, уый худинагыл ма нымай, стӕй ӕз Йӕ сӕраппонд ахӕстоны кӕй дӕн, уый дӕр. Фӕлӕ Хуыцауы хъаруйӕ ныфсджынӕй мӕнимӕ тухӕн кӕн фарны уацы сӕраппонд. Ӕмӕ ацы тухӕнтӕ дӕр уый тыххӕй ӕвзарын, фӕлӕ сӕ худинагыл нӕ нымайын. Уымӕн ӕмӕ Кӕуыл баууӕндыдтӕн, уый зонын, ӕмӕ фидарӕй ӕууӕндын: мӕ бӕрны цы бакодта, уый бахъахъхъӕнын Йӕ бон у Йе 'рцыды бонмӕ.
К Римлянам
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13 14 15 16
Выбор основного перевода