Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Ӕмӕ йӕ куы бакӕсат, уӕд уӕ бон бауыдзӕн, ӕз Чырыстийы сусӕгдзинад куыд ӕмбарын, уый базонын. Уарзондзинад уӕд уӕ царды бындур. Ӕз кувын, цӕмӕй ӕппӕт сыгъдӕджытимӕ уӕ бон базонын уа, куыд уӕрӕх, парахат, ӕгӕрон ӕмӕ ӕнӕбын у Чырыстийы уарзт – Уый нӕ, фӕлӕ тӕккӕ зынаргъдӕр цы у, уый сӕраппонд – Йесо Чырыстийы базоныны сӕраппонд – ӕз ӕппӕт дӕр нымайын ницӕуыл. Чырыстийы тыххӕй ӕнӕхай фӕдӕн алцӕмӕй дӕр, ӕппӕт дӕр нымайын быроныл, цӕмӕй мӕ иунӕг хӕзна уа Чырысти, Ӕз хъуамӕ адӕммӕ фӕхӕссон, рагзаманӕй ӕппӕт фӕлтӕртӕ кӕй нӕ зыдтой, ныр та Хуыцау сыгъдӕджытӕн кӕй раргом кодта, Йӕ уыцы сусӕгдзинад. Кувут мах тыххӕй дӕр, цӕмӕй нын Хуыцау ратта фадат, ӕз ахӕстоны кӕй сӕраппонд дӕн, Чырыстийы уыцы сусӕгдзинадыл дзурынӕн.
Выбор основного перевода