Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4
Параллельные места
Фӕлӕ иудей зӕрдӕйӕ чи у, уый у ӕцӕг иудей; зӕрдӕйы сунӕт – уый у ӕцӕг сунӕт. Уыцы сунӕт фыст ӕгъдаумӕ гӕсгӕ нӕу, фӕлӕ Хуыцауы Удӕй у. Ахӕм адӕймагӕй ӕппӕлынц адӕм нӕ, фӕлӕ Хуыцау. Мах зонӕм, раздӕр цы уыдыстӕм, уыцы адӕймаджы Йемӕ байтыгъдӕуыд нӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд басӕттынӕн ӕмӕ тӕригъӕды цагъарӕй фервӕзынӕн. Уымӕн ӕмӕ сымах – Чырыстиимӕ баиуы охыл кӕуыл саргъуыдӕуыд, уыдон – баиу стут Чырыстиимӕ. Чырыстийы чи у, уыдон сӕ тӕригъӕдджын ӕрдзыхъӕд байтыгътой йӕ чъизи бӕллицтимӕ ӕмӕ мондӕгтимӕ. Мах стӕм ӕцӕг сунӕтгонд – кусӕм Хуыцауӕн, Йӕ Уд нӕ куыд аразы, афтӕ. Нӕ зӕрдӕ зӕххоныл нӕ дарӕм, фӕлӕ ӕппӕлӕм, Йесо Чырыстиимӕ кӕй стӕм, уымӕй.
Выбор основного перевода