Уыдон лӕггад кӕнынц, уӕларвы цы ис, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ фӕлгонц ӕмӕ йӕ аууон чи у, уыцы кувӕндоны – Моисей Сыгъдӕг Цатыр аразынмӕ куы бавнӕлдта, уӕд ын Хуыцау куыд загъта, афтӕ: «Хъусыс, ӕппӕт дӕр сараз, хохыл дын куыд равдыстӕуыд, уымӕ гӕсгӕ».
Сыгъдӕг Цатыр фӕсномыгӕй абонмӕ амоны: Хуыцауӕн цы хуынтӕ ӕмӕ нывондтӕ хӕссынц, уыдон ницы ахъаз сты се 'рхӕсджыты ӕфсармы тӕрхонӕй фервӕзын кӕнынӕн.