Фӕлӕ кӕронмӕ чи бафӕраза, уый фервӕздзӕн.
Уӕдӕ, мӕ уарзон ӕфсымӕртӕ, ут фидар, ӕнӕфӕцудгӕ, иудадзыг ӕмӕ зӕрдиагӕй кусут Хицауӕн; уӕ фӕллойы тыххӕй Хицауӕй ӕнӕ хӕрзиуӕгӕй кӕй нӕ баззайдзыстут, уый зонут.
Сымах та, ӕфсымӕртӕ, ӕвӕллайгӕйӕ аразут хорз хъуыддӕгтӕ.