Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Бафӕндыди сӕ, стӕй сӕ хӕсджын дӕр сты. Уымӕн ӕмӕ кӕд иугӕр муртаттӕ иудейтӕн Хуыцауӕй лӕвӕрд хорзӕхӕй схайджын сты, уӕд сын хъуамӕ баххуыс кӕной сӕ зӕххон хъуӕгты. Уый кӕд уыдис, ӕмӕ ӕфсӕддон йӕхӕдӕг йӕхи дара? Сӕнӕфсир ныссадзӕг сӕнӕфсиры гагатӕй ма хӕра? Дзуг чи хизы, уый ӕхсыр ма нуаза? Ӕппӕт уыдӕттӕ ӕз, мыййаг, адӕймаджы зондӕй зӕгъын? Моисейы Ӕгъдау дӕр афтӕ нӕ зӕгъы, ӕви? Уымӕн ӕмӕ дзы фыст ис: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых бастӕй ма дар». Хуыцауы мӕт, мыййаг, галтыл у? Ӕви уый мах тыххӕй загъд у? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уый мах тыххӕй фыст у; уымӕн ӕмӕ хуымгӕнӕг хъуамӕ хуым кӕна зӕрдӕдаргӕйӕ, ӕмӕ найгӕнӕг най кӕна йӕ хай райсыны ныфсимӕ. Мах уӕ удтӕн байтыдтам тауинаг уӕ зӕрдӕты, ӕмӕ нӕ гуыбынӕн исты куы ӕркӕрдӕм, уӕд уый ӕгӕр уыдзӕни? Иннӕтӕн уӕм ахӕм бар кӕм ис, уым мах уыдонӕй барджындӕр не стӕм, ӕви? Уыцы бартӕй мах уӕвгӕ дӕр нӕ пайда кодтам, фӕлӕ быхсӕм алцӕмӕн дӕр, цӕмӕй Чырыстийы фарны уацӕн мацы цӕлхдур сӕвӕрӕм. Хуыцауы хӕдзары чи лӕггад кӕны, уыдон сӕ хӕлц уырдыгӕй кӕй исынц, ӕмӕ нывондхӕссӕны раз лӕггадгӕнджытӕн нывондтӕй хай кӕй ис, уый нӕ зонут, ӕви? Афтӕ Хицау фарны уац хъусынгӕнджытӕн дӕр бафӕдзӕхста фарны уац хъусын кӕнынӕй цӕрын. Фӕлӕ ӕз уыцы бартӕй не спайда кодтон; мӕ фыстӕг дӕр уӕм уый тыххӕй нӕ фыссын, ӕмӕ сӕ пайда кӕнын райдайон. Уый бӕсты мӕ амӕлӕт хуыздӕр уаид! Раппӕлинагӕй мӕм цы ис, уымӕй мӕ ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн. Уымӕн ӕмӕ Сыгъдӕг Фыст зӕгъы: «Найгӕнӕг галӕн йӕ дзых бастӕй ма дар», ӕмӕ: «Алы фӕллойгӕнӕг дӕр хъуамӕ райса йӕ мызд».
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода