Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Уӕдӕ алы адӕймаг дӕр ныккӕсӕд йӕ зӕрдӕмӕ, ӕмӕ уый фӕстӕ хӕрӕд ацы дзулӕй ӕмӕ нуазӕд ацы сӕнӕй. Уымӕн ӕмӕ йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уыдонимӕ нӕхи ӕрӕмных кӕнынмӕ, кӕнӕ уыдоныл нӕхи абарынмӕ нӕ ныфс нӕ хӕссӕм. Уыдон сӕхицӕн аргъ кӕнынц сӕхи барӕнтӕм гӕсгӕ, ӕмӕ сӕхи барынц сӕхиуыл – уый ӕнӕзонд ми у. Мах та нӕхицӕй куы ӕппӕлӕм, уӕд нын нысангонд цы арӕнтӕ ис, уыдоны сӕрты нӕ ахиздзыстӕм, фӕлӕ баззайдзыстӕм, Хуыцау нын бакусынӕн цы хуымы хай бабар кодта, уым; сымах дӕр уыцы хуымы стут. Мах уыцы арӕнты сӕрты ахизыныл нӕхи нӕ хъарӕм. Куы нӕ уӕм ӕрцыдаиккам, уӕд афтӕ уыдаид. Фӕлӕ сымахмӕ дӕр бахӕццӕ стӕм Чырыстийы фарны уацимӕ. Нӕхицӕй куы феппӕлӕм, уӕд нӕ арӕнты сӕрты нӕ ахизӕм, кӕйдӕр фӕллӕйттӕ нӕхи нӕ бакӕнӕм. Ӕппындӕр нӕ! Мах нӕ зӕрдӕ дарӕм: уӕ уырнындзинад рӕздзӕн, ӕмӕ сымахмӕ бакусдзыстӕм ноджы фылдӕр, махӕн нысангонд арӕнты сӕрты нӕ ахизгӕйӕ. Ӕмӕ уӕд нӕ бон бауыдзӕн канд сымахмӕ нӕ, фӕлӕ ӕндӕр рӕтты дӕр фарны уац хъусын кӕнын. Мах нӕхицӕй нӕ раппӕлдзыстӕм, кӕйдӕр хуымы цӕттӕ хор мах фӕллой у, зӕгъгӕ. «Йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый ӕппӕлӕд Хицауӕй». Аккагыл нымад у, йӕхицӕй чи ӕппӕлы, уый нӕ, фӕлӕ Хицау кӕмӕй ӕппӕлы, уый.
К Галатам
1 2 3 4 5 6
Выбор основного перевода