Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Филиппийцам
1 2 3 4
Параллельные места
Уымӕ гӕсгӕ уын зӕгъын: ма мӕт кӕнут, фӕцӕрынӕн уӕ цы хойраг ӕмӕ нозт хъӕуы, нӕдӕр ууыл, нӕдӕр уӕ буарӕн дарӕсыл. Мыййаг, цард хойрагӕй ахсджиагдӕр нӕу, буар та – дарӕсӕй? Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм: уыдон нӕдӕр тауынц, нӕдӕр кӕрдынц, нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, ӕмӕ сӕ уӕ Уӕларвон Фыд хӕссы. Сымах уыдонӕй бирӕ зынаргъдӕр не стут, ӕви? Стӕй уӕ йӕ мӕтӕй йӕ цардыл бирӕ нӕ, фӕлӕ иу сахат бафтауын дӕр кӕй бон бауыдзӕн? Дарӕсыл дӕр цы мӕт кӕнут? Акӕсут-ма, быдираг дидинджытӕ куыд рӕзынц, уымӕ: нӕдӕр кусынц, нӕдӕр ӕлвисынц. Зӕгъын уын: суанг Соломон, намысджын ӕмӕ хъӕздыг лӕг, уыдонӕй иуы хуызӕн дӕр нӕ арӕзта йӕхи. Абон чи ис, райсом та пецы ӕппӕрст чи уыдзӕн, уыцы быдираг кӕрдӕджы Хуыцау афтӕ кӕм фӕлынды, уым сымах не сфӕлынддзӕн, ӕви, лӕмӕгъ уырнджытӕ! Уӕдӕ мӕт ма кӕнут ӕмӕ ма дзурут: „Цы хӕрӕм?", „Цы нуазӕм?", „Нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм?" Ӕппӕт уыдӕттӕ муртаттӕ агурынц; сымахӕн уӕ Уӕларвон Фыд зоны, ӕппӕт уыдӕттӕ уӕ кӕй хъӕуынц, уый. Фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы Паддзахад ӕмӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын лӕвӕрд уыдзысты ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр. Уӕдӕ мӕт ма кӕнут сомбоныл, уымӕн ӕмӕ сомбон йӕхӕдӕг тыхсдзӕн йӕ хъуагыл. Алы бонӕн дӕр йӕхи сагъӕстӕ ӕгъгъӕд сты.
К Филиппийцам
1 2 3 4
Выбор основного перевода