Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
К Филиппийцам
1 2 3 4
Параллельные места
Макӕй фыдгой кӕной, ма уой загъдгӕнаг, фӕлӕ алкӕимӕ дӕр уой ӕвӕлмас ӕмӕ сӕрныллӕг. Уымӕн ӕмӕ «бирӕ нал хъӕуы, хӕрзгыццыл рӕстӕг ма, ӕмӕ ӕрцӕуинаг Чи у, Уый ӕрцӕудзӕн, нӕ бафӕстиат уыдзӕн. Уӕдӕ, ӕфсымӕртӕ, Хицауы ӕрцыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсут фӕразонӕй. Мӕнӕ зӕхкусӕг фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы зӕххы зынаргъ бӕркадмӕ, цалынмӕ фӕззыгон ӕмӕ уалдзыгон уарынтӕ ӕрцӕуой, уӕдмӕ. Фӕразонӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсут сымах дӕр, фидар фӕлӕуут, уымӕн ӕмӕ Хицауы ӕрцыдмӕ бирӕ нал баззади. Кӕрӕдзийӕ хъӕстаг ма ут, ӕфсымӕртӕ, ӕмӕ тӕрхонгонд ма уат. Тӕрхонгӕнӕг ныридӕгӕн къӕсӕрыл лӕууы.
К Филиппийцам
1 2 3 4
Выбор основного перевода