Зӕгъӕн ис, ӕз стыгътон иннӕ аргъуантӕ – сымахӕн балӕггад кӕныны тыххӕй ӕхца уыдонӕй истон. Сымахмӕ куы уыдтӕн, уӕд хъуаг кӕд ӕййӕфтон, уӕддӕр никӕй батыхсын кодтон.
Хъуаг цӕмӕй ӕййӕфтон, уымӕй мын баххуыс кодтой Македонийӕ ӕрцӕуӕг ӕфсымӕртӕ. Ӕз уӕ никуы батыхсын кодтон ӕмӕ нырӕй фӕстӕмӕ дӕр нӕ батыхсын кӕндзынӕн.