Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы намысӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал и кӕрон. Сымах Хуыцауы хӕдзар кӕй стут, ӕмӕ Хуыцауы Уд уӕ зӕрдӕты кӕй цӕры, уый нӕ зонут, ӕви? Хуыцауы хӕдзарӕн мӕнгхуыцӕуттимӕ иумӕйагӕй цы ис? Мах та цардӕгас Хуыцауы хӕдзар стӕм, Хуыцау Йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕ: «Сӕ зӕрдӕты ӕрбынат кӕндзынӕн ӕмӕ цӕрдзынӕн семӕ; ӕмӕ уыдзынӕн сӕ Хуыцау, уыдон та уыдзысты Мӕ адӕм. Чырыстиимӕ иугондӕй, сымахӕй дӕр Сыгъдӕг Уды хъаруйӕ амадӕуы цӕрӕн хӕдзар Хуыцауӕн. Уымӕн ӕмӕ нӕлгоймаг сылгоймаджы хицау у, Чырысти Аргъуаны хицау куыд у, афтӕ. Чырысти у Йӕ буары, Аргъуаны, Ирвӕзынгӕнӕг дӕр. Ныр уӕ уырнындзинад иудадзыг хъуамӕ уа фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ, сымах цы фарны уац фехъуыстат, уый уын цы зӕрдӕдарӕн дӕтты, ууыл ма фӕгуырысхо уат. Уыцы фарны уац хъуыстгонд ӕрцыди дунейы ӕппӕт адӕмӕн, ӕмӕ ӕз, Павел, сдӕн йӕ кусӕг. Фӕлӕ куы афӕстиат уон, уӕд зон, Хуыцауы хӕдзары хи куыд дарын хъӕуы, уый. Уыцы хӕдзар цардӕгас Хуыцауы Аргъуан у – ӕцӕгадӕн йӕ цӕджындз ӕмӕ йе 'нӕфӕцудгӕ бындур.
Выбор основного перевода