Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6 7 8 9 10 11 12 13
Параллельные места
Йӕ бындур къӕйдуртыл фыст дамгъӕтӕ кӕмӕн уыдысты, кӕд уыцы мӕлӕтхӕссӕг куыст афтӕ намысджын уыд, ӕмӕ рӕстӕгмӕ тӕмӕнтӕ чи калдта, Моисейы уыцы цӕсгоммӕ кӕсын Израилы адӕм нӕ фӕрӕзтой, Уӕд Уды фӕрцы кусын та бирӕ намысджындӕр нӕу, ӕви? Тӕрхон баййафынмӕ цы куыст тардта, кӕд уый намысджын уыди, уӕд цас намысджындӕр у, адӕймаджы цы куыст раст кӕны, уый! Кӕддӕр намысджын цы уыди, уый ныр намысджын нал у, уымӕн ӕмӕ фӕци ноджы намысджындӕры аууон. Кӕрон кӕмӕн хъуамӕ ӕрцыдаид, кӕд уый намысджын уыд, уӕд кӕрон кӕмӕн не 'рцӕудзӕн, уый та цас ӕмӕ цас намысджындӕр у! Фӕлӕ Йесо цы Алчеры куыст райста, уый уыдоны куыстӕй уӕлдӕр у, уымӕн ӕмӕ Йесо хуыздӕр фидыды Ӕхсӕнылӕг у ӕмӕ уыцы фидыд хуыздӕр зӕрдӕвӕрдыл ӕнцой кӕны. Ӕмӕ нын афтӕмӕй Хуыцауы хӕдзары сӕргъы ис стыр Алчер.
Выбор основного перевода