Сыгъдӕг Уд афтӕ зӕгъы: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат,
Уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут, уӕ фыдӕлтӕ ӕдзӕрӕг бӕстӕйы Йӕ ныхмӕ куы сыстадысты ӕмӕ Йӕ куы фӕлвӕрдтой, уӕдау.
Уымӕ гӕсгӕ ма Хуыцау ноджыдӕр дӕтты бӕлвырд афон – «абон». Уый тыххӕй бирӕ рӕстӕджы фӕстӕ загъта Давиды дзыхӕй, уӕлдӕр куыд загъд у, афтӕ: «Абон Хуыцауы хъӕлӕс куы фехъусат, уӕд уӕ зӕрдӕтӕ ма ныддур кӕнут».