Кад Хуыцауӕн! Йӕ бон у сымахӕн хъару раттын; ууыл дзурӕг у, Йесо Чырыстийы тыххӕй ӕз кӕй хъусын кӕнын, уыцы фарны уац. Уым ӕргом кӕны Хуыцауы сусӕг фӕнд – уый ӕнусты дӕргъы ӕмбӕхст уыди,
Фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл – махӕн намыс раттыны сӕраппонд дуне сфӕлдисыны агъоммӕ кӕй рахаста, Йӕ уыцы уынаффӕйыл.