Куыд ӕвидигӕ сты Хуыцауы хъӕздыгад, зонд ӕмӕ зонындзинад! Кӕй зонд аххӕсдзӕн Йӕ уынаффӕтыл, ӕмӕ Йын чи раиртасдзӕн Йӕ хъуыддӕгтӕ!
Фӕлӕ мах дзурӕм Хуыцауы сусӕг, ӕмбӕхст уӕлзондыл – махӕн намыс раттыны сӕраппонд дуне сфӕлдисыны агъоммӕ кӕй рахаста, Йӕ уыцы уынаффӕйыл.
Ӕппӕт уӕларвон ӕлдӕрттӕй ӕмӕ барджынтӕй, тыхджынтӕй ӕмӕ хицӕуттӕй уӕлдӕр; ӕмӕ Йын радта ӕрмӕст абоны нӕ, фӕлӕ фидӕны дунейы ӕппӕт нӕмттӕй дӕр уӕлдӕр ном.