Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
1 2 3 4 5 6
Параллельные места
Йесо йын загъта: «Ӕз дӕн фӕндаг, ӕцӕгад ӕмӕ цард. Мӕ Фыдмӕ ничи ӕрцӕудзӕн, Мӕ фӕрцы куы не 'рцӕуа, уӕд. Уӕдӕ сраст стӕм уырнындзинады руаджы, ӕмӕ нӕ Хицау Йесо Чырысти мах бафидауын кодта Хуыцауимӕ. Нӕ уырнындзинады фӕрцы нын Чырысти фӕндаг байгом кодта, хайджын кӕмӕй стӕм, уыцы хорзӕхмӕ. Ӕмӕ Хуыцауы намысӕй нӕ хай кӕй райсдзыстӕм, ууыл дарӕм нӕ зӕрдӕ, ӕмӕ нӕ цинӕн нал и кӕрон. Уымӕн ӕмӕ нӕ дыууӕтӕн дӕр, иу Удӕй хайджынтӕн, Фыдмӕ фӕндаг байгом Чырыстийы фӕрцы. Уымӕ гӕсгӕ ныфсджынӕй балӕууӕм, хорзӕх кӕцӕй цӕуы, Хуыцауы уыцы бадӕны раз, цӕмӕй нын уа хатыр ӕмӕ бахъуаджы рӕстӕг ӕххуысӕн райсӕм хорзӕх.
Выбор основного перевода