Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Цатырӕн акъацибӕласӕй сараз цыппӕрдигъон цӕджындзтӕ. Цӕджындзты дыгӕйттӕй бафидар кӕн кӕрӕдзимӕ; сӕ бӕрзӕнд хъуамӕ уа фӕйнӕ дӕс ӕлмӕрины, се 'хсӕн – фӕйнӕ ӕлмӕрин ӕмӕ ӕрдӕг. Алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр хъуамӕ уа дыууӕ къӕпсыры – иу иннӕйы акомкоммӕ; афтӕ Цатыры ӕппӕт цӕджындзтӕн сараз къӕпсыртӕ. Цатырӕн сараз цӕджындзтӕ: ссӕдз цӕджындзы – йӕ хуссар фарсӕн. Cсӕдз цӕджындзӕн сараз дыууиссӕдз бынӕвӕрӕны ӕвзистӕй: дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзы дыууӕ къӕпсырӕн дӕр. Cсӕдз цӕджындзы та сараз Цатыры иннӕ фарсӕн – цӕгат фарсӕн. Сараз сын дыууиссӕдз ӕвзист бынӕвӕрӕны: алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр – дыууӕ бынӕвӕрӕны. Цатыры фӕстаг фарсӕн, ныгуылӕн фарсӕн, сараз дыууадӕс цӕджындзы. Цыппар цӕджындзы та сараз Цатыры фӕстаг фарсы тигътӕн. Уыцы цӕджындзтӕ бынӕй хъуамӕ уой саджил, уӕлейӕ та, фыццаг цӕг кӕм ис, уым та – ӕмхӕст. Ахӕмтӕ хъуамӕ уой, тигъты ӕвӕрд чи уыдзӕн, уыцы цыппар цӕджындзы. Афтӕмӕй цӕджындзтӕ уыдзысты ӕхсӕрдӕс, сӕ ӕвзист бынӕвӕрӕнтӕ дӕр – ӕхсӕрдӕс: фӕйнӕ дыууӕ бынӕвӕрӕны – алы дыууӕ цӕджындзӕн дӕр. Акъацибӕласӕй сараз фондз хъилы Цатыры иу фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. Фондз хъилы та сараз Цатыры иннӕ фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн, фондз хъилы – Цатыры фӕстаг, ныгуылӕн, фарсы цӕджындзтӕ сбӕттынӕн. Мидӕггаг хъил хъуамӕ ацӕуа ӕппӕт цӕджындзты хӕдастӕуты – иу кӕронӕй иннӕмӕ. Цӕджындзтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны, хъилтӕ цы цӕгты тъыст уыдзысты, уыдоны дӕр сараз сыгъзӕринӕй; хъилтӕ сӕвдул сыгъзӕриндоны.
Выбор основного перевода