Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Аарон ӕмӕ йӕ фырттӕ хъуамӕ сӕ цӕст дарой, цӕмӕй фидыды Чырыны раз ӕмбӕрзӕны ӕддӕрдыгӕй, Фембӕлды Цатыры, Дунедарӕджы раз рухсгӕнӕн судза изӕрӕй райсоммӕ. Израилы адӕм ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ уыцы ӕгъдау хъуамӕ ӕххӕст кӕной мыггагмӕ. Бауаф даргъ хӕдон, сарыхъ виссонӕй ӕмӕ нывӕфтыд рон. Аароны фырттӕн дӕр сараз хӕдӕттӕ, рӕттӕ ӕмӕ худтӕ, цӕмӕй сӕ дарӕс уа аив, сӕхӕдӕг та адӕмы цӕсты ахадой. Сфӕлынд уыцы дарӕсӕй де 'фсымӕр Аароны ӕмӕ йӕ фыртты, байсӕрд сӕ – ӕгъдаумӕ гӕсгӕ сӕ снывонд кӕн Мӕнӕн, ӕмӕ Мын уыдзысты сауджынтӕ.
Выбор основного перевода