Выбор основного перевода
Открыть комментарий или сравнить с другим переводом
Выбор книги основного перевода
Параллельные места
Де 'фсымӕр Ааронӕн бахуый сауджыны сӕрмагонд дарӕс, цӕмӕй йӕ нымайой ӕмӕ цӕсты ахада. Ӕз дарӕс хуыйынӕн зонд ӕмӕ арӕхстдзинад кӕмӕн радтон, уыдонӕн сеппӕтӕн дӕр бафӕдзӕхс Ааронӕн дарӕс бахуыйын, цӕмӕй Аарон йӕхи снывонд кӕна Мӕнӕн ӕмӕ уа Мӕ сауджын. Саразӕнт ын мӕнӕ ахӕм дарӕс: риуылдарӕн хызын, ефод, уӕлгуыр, нывӕфтыд даргъ хӕдон, сарыхъ ӕмӕ рон. Сауджыны ахӕм сӕрмагонд дарӕс бахуыйӕнт де 'фсымӕр Ааронӕн ӕмӕ йӕ фырттӕн, ӕмӕ уыцы дарӕсы Мӕнӕн уыдзысты лӕггадгӕнджытӕ. Ефодыл ӕддейӕ цы рон хуыд ис, уый дӕр ефодау хъуамӕ уа сыгъзӕрин хӕрдгӕбыдӕй, ӕрвхуыз, сырх ӕмӕ сӕнтсырх ӕндӕхтӕй ӕмӕ уӕздан виссонӕй.
Выбор основного перевода